Туркы минæвар – Нæ бæстæйы нæхи æдас куы нæ банкъарæм, уæд дзиппы цасфæнды æхца уæнт, уымæн ницы аргъ уыдзæн
Ататурк нын ныстуан ныууагъта – зæгъгæ кæд фарста фыдыбæстæмæ баххæсса, уæд алцыппæт æндæр хуымтæгæй сты детæлттæ – уый фæдыл Турчы минæвар Гуырдзыстоны, Фатма Джерен Иазган æфсæддон операцийы тыххæй, АИШ-æ Туркæн цы санкцитæ сфидар кодта, уыдоныл ныхасы рæстæджы загъта.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, сæрмагонд æдасдзинадыл Турк йæхæдæг хъуамæ ауда.
Цыдæриддæр та экономикон санкцитæм æххæссы, минæвары дзырдæй, зæгъæг « кæд бæстæйы сæхи æдас не нкъардзысты, уæд цас фæнды дæр уæнт æхца, уымæн ницы аргъ уыдзæн».
«Æхсæнадæмон ахастытæ ахæм сты. Алы бæстæйæн ис легитимон интерестæ. Алы бæстæйы интерестæм гæнæн ис æмæ не æмбæлы Турчы æдасдзинад æмæ арæны хъахъъæд. Мах нæ сæрмагонд æдасдзинадыл нæхæдæг хъуамæ бабыхсæм. Мах, уырнгæ нæ фæлæ, бæлвырдæй зонæм, цæмæй стæм раст æмæ цыдæриддæр экономикон санкцитæм æххæссы, кæд уый бандавдзæн, уæд мах уымæ дæр цæттæ стæм. Кæд нын фыдыбæстæ нæ уыдзæн, æмæ нæ паддзахады нæхи æдас не нкъардзыстæм, уæд дзиппыты цафæндыдæр æхца уæнт, уымæн ницы аргъ уыдзæн» – банысан кодта Турчы минæвар Гуырдзыстоны Фатма Джерен Иазган.
Сирийы цæугæ æфсæддон операцийы тыххæй, АИШ-æ Туркæн санкцитæ сфидар кодта.
АИШ-ы къæзнайы департаменты информацийæ, санкцитæ баххæссыдысты, Турчы хъаххъæнынады æмæ энергетикæйы министрадтæм, афтæдæр, хъахъхъæнынады, энергетикæйы æмæ мидхъуыддæгты министртæм.