Туркы минæвар – Нæ бæстæйы нæхи æдас куы нæ банкъарæм, уæд дзиппы цасфæнды æхца уæнт, уымæн ницы аргъ уыдзæн
Туркы минæвар – Нæ бæстæйы нæхи æдас куы нæ банкъарæм, уæд дзиппы цасфæнды æхца уæнт, уымæн ницы аргъ уыдзæн

Ататурк нын  ныстуан ныууагъта – зæгъгæ  кæд  фарста  фыдыбæстæмæ баххæсса,  уæд алцыппæт æндæр  хуымтæгæй  сты  детæлттæ – уый фæдыл  Турчы минæвар Гуырдзыстоны,  Фатма Джерен Иазган  æфсæддон операцийы  тыххæй,   АИШ-æ Туркæн  цы  санкцитæ сфидар кодта, уыдоныл ныхасы  рæстæджы  загъта.

Афтæдæр йæ ныхæстæм  гæсгæ,  сæрмагонд æдасдзинадыл  Турк йæхæдæг хъуамæ  ауда.

Цыдæриддæр та экономикон санкцитæм æххæссы,   минæвары  дзырдæй,  зæгъæг « кæд бæстæйы   сæхи æдас не нкъардзысты, уæд цас фæнды дæр уæнт æхца, уымæн ницы аргъ уыдзæн».

«Æхсæнадæмон ахастытæ  ахæм сты.  Алы бæстæйæн ис  легитимон интерестæ. Алы  бæстæйы интерестæм гæнæн ис æмæ не æмбæлы  Турчы æдасдзинад æмæ  арæны  хъахъъæд.  Мах нæ сæрмагонд æдасдзинадыл  нæхæдæг хъуамæ бабыхсæм.  Мах, уырнгæ нæ фæлæ,  бæлвырдæй   зонæм, цæмæй  стæм раст æмæ цыдæриддæр экономикон санкцитæм æххæссы,  кæд  уый бандавдзæн,  уæд  мах  уымæ  дæр цæттæ  стæм.  Кæд нын фыдыбæстæ нæ уыдзæн, æмæ нæ паддзахады  нæхи æдас  не нкъардзыстæм, уæд  дзиппыты  цафæндыдæр æхца  уæнт, уымæн ницы  аргъ уыдзæн» –  банысан кодта Турчы минæвар Гуырдзыстоны Фатма Джерен Иазган.

Сирийы цæугæ æфсæддон операцийы тыххæй,  АИШ-æ Туркæн  санкцитæ  сфидар кодта.

АИШ-ы къæзнайы  департаменты информацийæ,  санкцитæ  баххæссыдысты, Турчы хъаххъæнынады æмæ  энергетикæйы  министрадтæм,  афтæдæр, хъахъхъæнынады, энергетикæйы æмæ мидхъуыддæгты министртæм.