Туркаг медийы информацийæ, æввахс бонты Турчы, Украинайы, Уæрæсе æмæ ИНО-йы æхсæн гæнæн ис, фембæлд ацæуа
Гуманитарон фарстатыл контактон къорды фæлгæтты, Турчы, Украинайы, Уæрæсейы æмæ ИНО-ы æхсæн, æввахс бонты гæнæн ис, фембæлд ацæуа, – уый фæдыл Туркаг телекомпани, «TRT Haber» сæрмагонд дипломатон каналтыл æнцойæ хъусын кæны.
Уæвæг хъусинæгтæй, ИНО-мæ ис æнхърæн гуманитарон контактон къорд саразыны фæдыл æмæ Турк, Украина, Уæрæсе æмæ ИНО-ы æхсæн бадзырдтæ гæнæн ис ацы контексты æввахс бонты адарддæр уа. Фарсыты æхсæн гæнæн ис техникон фембæлдтæ ацæуа, – дзырдæуы телекомпанийы информацийы.
TRT Haber – ы дипломатон каналатæ æхст фæурæды фæдыл бадзырдты фæлгæтты æдасдзинады гарантитæм дæр раздæхтой хъусдард.
«Загъдæуыд, ома ИНО-йы æдасдзинады советы иудадзыг уæнг «фондзæй» æмæ семæ баст цалдæр бæстæимæ бадзырдтæ адарддæр уыдзæн. Ис æнхъæлц, цæмæй ацы бæстæтæ, фарсытæн се нхъарæнтæ нырма нæ бавдыстой», – дзырдæуы фидиуæны.