Турк украинаг æфсадæн лæвар ратдзæн уыцы «Байрактары», кæцыйы балхæнынæн, хæца æмбырд кодтой Лиетувæйы
Турк украинаг æфсадæн лæвар ратдзæн уыцы «Байрактары» кæцыйы балхæнынæн, хца æмбырд кодтой Лиетувæйы.
Уый фæдыл информаци, Лиетувæйы хъахъхъæнынады министр Арвидас Анусаускас «Тветтеры» публикаци кæны.
«Нæуырнинаг у, фæлæ амæйразмæ Турк сразы ис, цæмæй «Байрактары» кæцыйы балхæнынæн Лиетувæ æмбырд кодта æхца, лæвар ратдзæнис Украинайæн. Диссаг у. Мах цы суммæ бамбырд кодтам уымæй, «байрактарæн» хъæугæ хæстæрмæджытæ æмæ æндæр хотыхтæ балхæндзыстæм. Ацы суммæ афтæдæр бахардз уыдзæн Украинайæн æххуысыл. Бузныг Туркæн»,- фыссы Анусаускас.
Уæдмæ украинаг медиа куыд хъуысын кодта афтæмæй, лиетувæгтæ 2,5 бонмæ, «Байрактары» балхæнынæн сымбырд кодтой 5 милуан ерво.