Турк Украинæйæн æнхъары æмкуысткæнынады цыппарфарсон формат, Гуырдзыстон æмæ Азербайджанимæ иумæ
Турчы делегаци, Украинæйы Бæрзонддæр Радæйы спикер, Андрей Парубиймæ парламентты æмвæзадыл æртæфарсон кæнæ цыппарфарсон æмкуысткæнынад æнхъары. Уый фæдыл Радææйы пресс-куысты фидиуæны мидæг дзырдæуы. Сæрмагондæй та, Киевмæ визиты рæстæджы, Турчы æддæ ахастыты комитеты сæрдар, Волка Бозкир, Киевæн, Украинæ-Азербайджан-Туркы кæнæ Украинæ, Азербайджан-Турк-Гуырдзыстоны форматы æмкуысткæнынад банхъарыд.
Йæхиæрдгæй, Бæрзонддæр Радæйы сæрдар банысан кодта, цæмæй регионон æмкуысткæнынады фарсхæцæг у, æмæ Киевæн цыфæнды ног формат интересон уыдзæн. Андрей Парубийы хъуыдымæ гæсгæйæ, ахæм форматтæ экномикон æмæ политикон æмкуысткæнынады рапарахатæн сты ахъаз.
Уымæй уæлдай ма, Парубий, туры парламенты минæвæрттæм баздæхт куырдиатæй, ма райсой хайад Уæрæсейы æхсæнадæмон форумы, кцы плангонд у оккупацигонд Хъырмы.
«Уый у нысанон провокаци æндæр бæстæты минæвæртты химæ æркæнынæн, цæмæй уыдон ныццæуой оккупацигонд Хъырыммæ» 0 банысан кодта Бæрзонддæр Радæйы парламенты спикер.
Йæхи æрдгæй Турчы парламенты минæвар райхъусын кодта, цæмæй форумы иунæг делегаци дæр, официалон хайад нæ райсзæн. Бозкир ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Турчы æрдгæй Украинæйы территоритон æнæхъæндзинадæн æнцойад.