Турк Украинæйæн æнхъары æмкуысткæнынады цыппарфарсон формат, Гуырдзыстон æмæ Азербайджанимæ иумæ
Турк  Украинæйæн  æнхъары  æмкуысткæнынады  цыппарфарсон  формат,  Гуырдзыстон æмæ Азербайджанимæ иумæ

Турчы делегаци,  Украинæйы Бæрзонддæр Радæйы спикер, Андрей Парубиймæ   парламентты  æмвæзадыл  æртæфарсон кæнæ цыппарфарсон   æмкуысткæнынад  æнхъары.   Уый фæдыл   Радææйы пресс-куысты  фидиуæны мидæг дзырдæуы.  Сæрмагондæй та, Киевмæ визиты рæстæджы,   Турчы  æддæ ахастыты   комитеты сæрдар,   Волка Бозкир, Киевæн,  Украинæ-Азербайджан-Туркы  кæнæ  Украинæ, Азербайджан-Турк-Гуырдзыстоны  форматы  æмкуысткæнынад банхъарыд.

Йæхиæрдгæй,   Бæрзонддæр Радæйы  сæрдар банысан кодта,  цæмæй  регионон   æмкуысткæнынады фарсхæцæг у,  æмæ  Киевæн  цыфæнды ног формат  интересон уыдзæн.  Андрей Парубийы хъуыдымæ гæсгæйæ,  ахæм форматтæ  экномикон    æмæ политикон   æмкуысткæнынады    рапарахатæн  сты ахъаз.

Уымæй уæлдай ма,   Парубий, туры  парламенты  минæвæрттæм  баздæхт куырдиатæй, ма райсой хайад  Уæрæсейы æхсæнадæмон форумы,  кцы плангонд у оккупацигонд Хъырмы.

«Уый у нысанон провокаци æндæр бæстæты  минæвæртты  химæ æркæнынæн,  цæмæй  уыдон ныццæуой оккупацигонд Хъырыммæ» 0  банысан кодта Бæрзонддæр Радæйы  парламенты  спикер.

Йæхи æрдгæй  Турчы  парламенты  минæвар райхъусын кодта,  цæмæй  форумы  иунæг  делегаци дæр, официалон хайад нæ райсзæн.  Бозкир  ноджы иу  хатт сбæлвырд кодта  Турчы  æрдгæй  Украинæйы  территоритон  æнæхъæндзинадæн æнцойад.