Турк раргом кодта домæнтæ, кæцыты сыххæст кæнын домы, Швеци æмæ Финляндийы НАТО-йы уæнгсуæвынæн фарс рахæцынæн
Турк раргом кодта домæнтæ, кæцыты сыххæст кæнын домы, Швеци æмæ Финляндийы НАТО-йы уæнгсуæвынæн фарс рахæцынæн. Медийы хъусинагæй, фыццаг пункт у «конкретон гарантитæ» Швецийæ, цæмæй Стокгольм ныууадздзæн «Курдаг Кусджыты Партийы» æмæ афтæдæр оппозиционер динамонæг Фетулла Гюлены организацийы финансдзинад æмæ фарсхæцын. Ацы дыууæдæр органицийы Анкара нымайы террористон организацитæй.
Турк бæлвырд кæны, цæмæй Швеци «Курдаг кусджыты партийы» хæстифтонг кæны, уый нымæцы дронтæй æмæ танкыныхмæ хæцæнгарзæй. Афтæма Анкара домы, цæмæй Швеци аивæт Туркæн 2019 азы уагæвæрд эмбарго хæстæрмæгы экспортыл. Турчы хицауады публикацигонд фидиуæны фæстаг пункт у – «терроризмимæ тохы глобалон æмгуыстад».
«Мах стæм НАТО-ы гом дуары политикæйы иузæрдыг, фæлæ хъуыды кæнæм, цæмæй альянс æмæ кандидат бæстæтæ дæр хъуамæ æмкуыст кæной терроризмимæ тохы тыххæй, æндæр сферæты куыд цæуы, афтæ. Æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй Швеци, кæцы НАТО-йы уæнгсуæвыны фæндон равдыста, сараздзæн принципон къахдзæфтæ æмæ конкретон ныфсæвæрдтæ бавдисдзæн, æдасдзинады уыцы фарстатыл, кæцытыл сагъæс кæны Турк», – дзырдæуы фидиуæны.
Турк у НАТО-йы иунæг уæнг, кæцы Швеци æмæ Финляндийы НАТО-йы уæнгсуæвыны тыххæй нæзагъд ракодта.