Турк америкаг автомобильтыл, алкоголон ныуæзт æмæ тамакойыл тарифтæ фæфылдæр кодта
Турк америкаг автомобильтыл, алкоголон ныуæзт æмæ тамакойыл тарифтæ райрæзын кодта. Тарифты рæзт æрцыд президенты барамынды бындурыл.
Турчы вице-президенты Фуат Октайы фидиуæнæй, тарифты рæзты фæдыл уынаффæ АИШ-ы æрдгæй Турчы экономикæйы сæххæст бырстытыххæй рахастой.
Тарифты рæзт афтæдæр баххæссыд брындзы æмæ косметикон фæрæзтæм дæр. Турчы æмæ АИШ-ы æхæм ахастытæ уый фæстæ фæкарз сты, АИШ-æ туркаг аллюмини æмæ æндоныл куы райрæзын кодта тарифтæ.
Æндыгъддзинады аххос у Турчы ахст америкаг пастор, Эндрю Брансон, кæцыйы аххосджын кæнынц Гюллены организациимæ бастдзинады. Пасторы ахсты тыххæй, АИШ-æ Турчы мидхъуыддæгты æмæ юстицийы министртæн санкцитæ сфидар кодта.