Турк æмæ Сирийы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 7800-æй ахызт
Турк æмæ Сирийы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 7800-æй ахызт. Информаци хъусын кæны «ВВС». Турчы хицауады информацийæ, бæстæйы стихийы фæстиугæн фæмардуæвджыты нымæц 5894-ы онг сырæзт. Турчы вице-президент Пфуат Октайы фидиуæнæй, зæххæнкъуыстыты фæстиуæгæн 34 810 адæймаг райстой зиæнттæ æмæ 5 775 бæстыхай ныккалдис.
Агурæн ирвæзынгæнæн операцийы фæлгæтты ирвæзынгæнджытæ 8000 æй фылдæр адæймагы фервæзын кодтой. Стихийы зонæйы Турчы алы уагдонæй 60 000-æй фылдæр адæймаг кусы.
Зынгвæдисонтæ ацы афонмæ архайынц зынгсирвæзт ахуыссын кæнын Турчы Искандеруны порты.
Фæстаг бæрæггæнæнтæй, Сирийы куынæггæнæг зæххæнхкуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 1932-ы онг райрæзт. Сирийы хицауады контролгонд территорийыл 812 адæймаг амард, растгæ оппозицийы контролгонд Сирийы цæгат, – ныгуылæны та 1 120.