Туризмы секторы минæвæрттæн вакцинаци  абонæй  райдайы регионты
Туризмы секторы минæвæрттæн вакцинаци абонæй райдайы регионты

Туризмы  секторы  минæвæрттæн   абонæй   «Ковид-19»-ы  ныхмæ  вакцинаци   регионты   райдайы. Информаци   хъусын кæны туризмы националон администраци.

Туризмы  индустрийы  минæвæрттæ Тбилисæй дарддæр, Батум æмæ  Телавы  ацæудзысты вакцинаци.  Ацы нысанæн, туристон  компаниты,  æрцæрын кæныны, хæлцадон  æмæ ивхæрсæн   объектты минæвæрттæ, рагафон регистраци хъуамæ ацæуой  Гуырдзыстоны  экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ  рæзынады министрады туризмы националон  администрацийы  веб-фарсыл : gnta.ge/ge/registration

Фæстаг бæрæггæнæнтæй, вакцинæ райсынæн, регситраци ацыд индустрийы  3000-æй фылдæр  минæвар.

Туризмы  националон администрацийы  хъусинагæй,   «Ковид-19»-ы  ныхмæ  барвæнд вакцинацийы  фадат  этапгай, туризмы  секторы   алы  минæварæн  уыдзæн.