Турчы  зæххæнъкуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 14 351-ы  онг фæфылдæр ис
Турчы зæххæнъкуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 14 351-ы онг фæфылдæр ис

 

Турчы  зæннæкъуысты фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты нымæц  сырæзт 14 351-ы онг. Уый фæдыл   фехъусын кодта Турчы  вице-президент Фуат Октай.

Уæдмæ  Турчы президент  Реджеб Тайип Эрдогъан  загъта, цæмæй стихийы  фæстиуæгæн зианбавзарæг  адæмы нымæц  63 794–мæ ахæццæ ис. Эрдогъаны дзырдæй, зæгъгæ  иу афæдзмæ  бæстæйы  хицауад  калд  хæдзæртты бæсты  дыууæ  æмæ æртæ хатт фылдæр ххæдзары  саразын хъавы.

Турчы катастрофæты мæ уæлвæтк уавæрты  фæткдæттæг  куысты информацийæ,   стихийы  зонæйы ацытæккæ  113 200-йæ  фылдæр  агурæг-ирвæзынгæнæг    персонал кусы,   зæххæнъкуысты фæстиуæгæн  зианбавзарæг регионтæй  та 28 044 адæймагы  эвакуаци сыххæст.