Турчы  тæрхондон  Эрдогъаны бафхæрыны тыххæй,  немыцаг  политикъы  æрцахсыны  ордер адæтта
Турчы тæрхондон Эрдогъаны бафхæрыны тыххæй, немыцаг политикъы æрцахсыны ордер адæтта

Турчы   тæрхондон   Реджеб Тайип  Эрдогъаны  бафхæрыны  тыххæй  немыцаг политикъы  æрцахсты  ордер  адæтта.   Дзырдæуы  Мемет Киличы тыххæй, кæцы  2009-2013  азты,  «Цъæхты»  къвотæйæ   уыд Германийы  парламенты  уæнг.

Киличийы  зылынджын кæнынц   президент   бафхæрыны.   Хъуыддаг æххæссы   немыцаг политикъ, 2017   азы   телекомпани  «Эйбиси»-ы  эфиры  цы куырдиат сарызта  уымæ,  кæцыйы рæстæджы,   уый  Реджеб Тайип Эрдогъаны  схуыдта «Фыдыбæстæ уæйгæнæгæй».   Фæнысангонд интервьюйы  фылдæр хай   æххæссыд   Сирийы,    Турк  цы  политикъæ   уагъдта  уымæ.

Йæхæдæг Киличи   Анкъарайы   ацæугæ  тæрхоны  процессыл нæ уыд.   Тæрхондоны барамындæй, Туркмæ  визиты  цауы,  Киличийы  æрцахсдзысты.

Хъуыддаджы  каст  тæрхондоны сног уыдзæн  26  февралы.