Т урчы развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уæлрадон æвзæрстыты, хъæлæсты 58,24 процентæй, архайæг президент Реджеб Тайип Эрдогхъан фæуæлахиз ис.
ЙÆ сæйраг конкурент оппозиционер «Реаспубликаг Партийы» лидер, Мухапем Индже райста æвзæрстгæнджыты хъæлæсты 27,35 процент.
Иннæ хъæлæстæ та афтæ адих сты: Мерал Акшенер – 7,56%, Селахатин Демирташ з 5,73%, Темел Караманогълу – 0, 94%, Догу Перинчек – 0, 18 %.
Парламентон æвзæрстыты хайад истой 8 политикон партий. Уыдонæй хицаугæнæг «Рæстдзинады æмæ тынгады парти райста 54.71%, «Националистон Змæлды Партий» – 13.17%, «Дзæбæх Парти» – 8,18 %, æрмæст «адæмон Демокративон Партий» – 6,94%.
Турчы абон æмгъуыдагъоммæ президентон æмæ парламентон æвзæрстытæ ацыд. Президентон æвзæрстыты, архаæг президенты Реджеб Тайип Эрдогъаны сæйраг конкурентæй нымад цыдис, оппозиционер Республикаг Партийы лидер Мухарем Индже.
2017 азы 16 апрелы уагъд контитуцион референдумы фæстиуæгæн, æвзæрстыты фæстæ, бæстæ ахиздзæн президентон хицауиуæгмæ. Ай та йæ хъуыдыйы дары уый æмæ президентмæ уыдзæн бар, снысан кæна кæнæ ссæрибар кæна хицауады уæнгты, бацæуа тæрхонон системæйы куыстмæ, расида уæлвæтк уавæр.