Турчы провинци Ваны ноджы иу зæй рацыд, кæцыйы фæстиуæгæн ис амæттаг
Турчы провинци Ваны ноджы иу зæй рацыд, кæцыйы фæстиуæгæн ис амæттаг.
Ахæлиугонд информацийæ, иууыл цъус 23 адæймаг æрбамард. Уыдонæй аст барадхъахъхъæнджытæ сты, æртæйæ æдасдзинады куысты минæвæрттæ, æртæ ирвæзынгæнджытæ æмæ фараст хуымæтæг æмбæстæгтæ.
Абон зæй рацыд Бахчесарайы районы – Бахчесарай-Ваны иугæнæг магистралыл. Зæй йæ бын фæкодта микроавтобус æмæ митхафæг машинæ. Уый фæстиуæгæн фæхъуыд фондз адæймаг.
Ирвæзынгæнæн операцимæ баиу ис 400-ы онг адæймаг. Фæлхатгæ рацæугæ зæй та уыдонæй дæр 50 адæймагы йæ быны фæкодта. Ацы афонмæ миты бынæй систой 30-ы онг адæймагы.