Турчы президент сирийаг лигъдæтты Европæмæ арвитынæй æртъхъирæн кæны
Турчы прездент æртхъирæн кæны лигъдæттæн Европæйы дуар фегом кæнынæй. Уый фæдыл информацийы хъусын кæны агентад «Ройтер».
«Байгом кæндзыстæм дуар æмæ 3.6 милуан лигъдоны сымазхы æрдæм рауадздзыстæм», – райхъусын кодта Реджеб Тайип Эрдогъан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Европæ æмæ арабаг бæстæтæ Турчы æфсæддон операци куы критикæ кæнынц, уæд æргомзæрдæ не сты. Эрдогъаны дзырдæй, зæгъгæ Европæйы сæм нæй бар зæрдæхудт равдисын, уымæн æмæ сæ бæстæты демократи ныххудуг кодтой. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Сауды Аравийы дæр, цалынмæ Туркы критикæ кæнын райдайой, уæдмæ хуыздæр у кæсæнмæ ныккæсой.
Турк Сирийы цæгат-скæсæны æфсæддон операци райдыдта, кæцы расайдта Европæйы лидерты критикæ.