Турчы парламент бæстæйы уæлвæтк уавæр ноджы æртæ мæййæ адарддæр кодта
Турчы парламент бæстæйы уæлвæтк уавæр ноджы æртæ мæййæ адарддæр кодта. 2016 азы 15 июлы æрцæугæ æфсæддон фæфæлдæхты фæстæ, бæстæйы уæлвæтк уавæр нырид 7-æм хатт адарддæр кодтой.
Бакой уын кæндзыстæм, Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан знон æмгъуыдагъоммæ президенттæм æмæ парламентмæ æвзæрстытæ снысан кодта, кæцы уагъд æрцæудзæн 24 июны.
Оппозици хъусын кæны, цæмæй уæлвæтк уавæр æвзæрстытæм негативонæй бандавдзæн æмæ хицауадмæ æрсидтис йæ аивынмæ.
Турчы уæлвæтк уавæр 2016 азы 21 июны скуыста.