Турчы хъахъъхæнынады министрад - «Курдистаны кусджыты партийы» æмæ «Адæмон хъахъхъæды иугонды» террористтæ, æдас зонæйы бадзырд, 20 хатт фехæлдтой
«Курдистаны кусджыты партийы» æмæ «Адæмон хъахъхъæды иугонды» террористтæ, æдас зонæйы бадзырд, 20 хатт фехæлдтой – уый фæдыл Турчы хъахъхъæнынады министрады райхъусын кодтой.
Турчы ъхъахъхъæнынады уагдоны хъусинагæй, Тел- Аббиадийы регионы, цæугæдон Евфраты скæсæны курдаг æфсæддон къордтæ, туркаг патрулы ææ Турчы æфсады иу æфсæддоны амардтой, иуы та фæцæф кодтой.
Анкарайы хуъсын кæнынц, цæмæйс кæд æмæ курдаг æфсæддон къордтæ, 22 октябры онг 30 –километрон зонæйæ нæ рацæудзысты, уæд турк æфсæддон операци сног кæндзæн.
Курдаг «Сирийы демокративон тыхты» æфсæддон къухдариуæгад хъусын кæны, цæмæй курдæгтæ Турчы арæнæй тыхтæ раконд уый фæстæ райдайдзысты, Турк, æрхъулагонд сахар Рас-эл-Аинæй баззайгæ хæцджыты æмæ сабырадон цæрджыты эвакуацийы фадат ратдзæн.
Турк Сирийы Цæгаты æфсæддон операци «Сабырады суадон» 9 октябры райдыдта. 17 октябры та, АИШ-ы æхсæны бацыдæй, Анкара 120 сахатон æхсты фæурæдыл сразы ис.