Турчы хъахъъхæнынады министрад -  «Курдистаны кусджыты партийы» æмæ «Адæмон хъахъхъæды иугонды»  террористтæ, æдас зонæйы  бадзырд,  20  хатт фехæлдтой
Турчы хъахъъхæнынады министрад - «Курдистаны кусджыты партийы» æмæ «Адæмон хъахъхъæды иугонды» террористтæ, æдас зонæйы бадзырд, 20 хатт фехæлдтой

«Курдистаны кусджыты   партийы» æмæ «Адæмон хъахъхъæды иугонды»  террористтæ, æдас зонæйы  бадзырд,  20  хатт фехæлдтой –  уый фæдыл  Турчы  хъахъхъæнынады  министрады райхъусын кодтой.

Турчы  ъхъахъхъæнынады уагдоны хъусинагæй,   Тел- Аббиадийы  регионы,  цæугæдон  Евфраты  скæсæны  курдаг  æфсæддон  къордтæ,  туркаг  патрулы ææ Турчы   æфсады иу æфсæддоны  амардтой,  иуы  та фæцæф кодтой.

Анкарайы  хуъсын кæнынц, цæмæйс кæд æмæ   курдаг   æфсæддон къордтæ, 22 октябры онг  30 –километрон зонæйæ нæ рацæудзысты,  уæд турк  æфсæддон операци сног кæндзæн.

Курдаг  «Сирийы демокративон   тыхты»   æфсæддон  къухдариуæгад хъусын кæны, цæмæй  курдæгтæ Турчы  арæнæй  тыхтæ раконд уый фæстæ райдайдзысты,  Турк, æрхъулагонд  сахар  Рас-эл-Аинæй  баззайгæ хæцджыты  æмæ сабырадон цæрджыты эвакуацийы фадат ратдзæн.

Турк Сирийы Цæгаты  æфсæддон операци «Сабырады суадон»  9 октябры райдыдта.  17 октябры та,  АИШ-ы  æхсæны бацыдæй,  Анкара  120 сахатон  æхсты  фæурæдыл сразы  ис.