Турчы гуырдзиаг ирвæзынгæнджыты ротаци сыххæст, 112 ирвæзынгæнæг ирвæзынгæнæн мадзæлттæ Хатайы провинцийы адарддæр кæндзæн
Турчы горæт Адиаманы гуырдзиаг ирвæзынгæнджыты ротаци сыххæст. Уый фæдыл информаци, Турчы Гуырдзыстоны минæвар Гиорги Джанджгъава хъусын кæны.
Минæвары дзырдæй, гуырдзиаг ирвæзынгæнджытæ локаци раивдтой æмæ ирвæзынгæнæн мадзæлттæ Хатайы провинцийы адарддæр кæндзысты.
«Турчы горæт Адиаманы нæ ирвæзынгæнджыты ротаци ацыд. Ивд уыд локаци, ныр 112-лæгæй гуырдзиаг колоннæ фæцæуы Хатайы провинцийы æрдæм, агурæн-ирвæзынгæнæн операци адарддæр кæнынæн. Æнтыст æмæ сабырæй æрыздæхыны арфæтæ сын арвитæм семæ», – фыссы минæвар социалон хызаджы.