Турчы æмгъуыдагъоммæ президенттæм æмæ парламентмæ æвзæрстытæ 24 июны ацæудзысты
Турчы æмгъуыдагъоммæ президенттæм æмæ парламентмæ æвзæрстытæ 24 июны ацæудзысты.
Агентад Anadolu-ы информацийæ, уый фæдыл Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан рахъусын кодта. Мæгъуыдагъоммæ æвзæрстыты ауадзыны инициативæйæ Турчы оппозицион «Националистон змæлды партий» 17 апрелы рацыд.
Оппозицион партийы лидер Девлет Бахчели æвзæрстытыснысан кæнын æркуырдта 26 августмæ. Инициативæйы дзуаппæн 17 апрелы Турчы президент райхъусын кодта, цæмæй Бахчелиимæ 18 апрелы фембæлдзæн æмæ фарсты æркæсдзæн. 2017 азы референдуммæ гæсгæ, Турк парламентонæй, президентон хицауиуæгы моделмæ ахызтис.
Турчы президенты ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстытæм барадон процесс, уый нымæцы уæлдæр æвзарæн советы куыст, æнæрагъæвгæйæ хъуамæ райдайа.
Турчы парламентон æмæ президентон æвзæрстыты ауадзын 2019 азы ноябрмæ уыд плангонд.