Тунисы  президентон æвзæрстыты фæуæлахиз ис  хæдбар кандидат
Тунисы президентон æвзæрстыты фæуæлахиз ис хæдбар кандидат

Тунисы  президентон æвзæрстыты фæуæлахиз ис  хæдбар кандидат,  Кайя Саид. Информаци хъусын кæны  агентад «Ройтер».

Ацы рæстæгмæ   уæвæг   бæрæгæггæнæнтæй,  Саид райста  хъæлæсты  72 проценты.   Йæ оппонент, партий   «Тунисы зæрдæйы»   лидер, медиамагнат  Набил ал Каруйи  та  27,3 проценты.

Кайя  Саид  барады профессор у.  Уый  консервативон  цæстæнгасæй  у  номдзыд.   Йæ  сæйраг  разæвзарæнон   ныфсæвæрд уыд  Тунисы 2011  азы революцийы  хæзнатæм æрыздæхын.

Ахæлиугонд  информацийæ.   Æвзæрстыты   хайад райстой  цæрджыты  60 процент.