Тунисы  донбылы цур  мигрантты  дыууæ  нау фæдæлдон ис, амард иууыл цъус 29 африкайаг  мигрант
Тунисы донбылы цур мигрантты дыууæ нау фæдæлдон ис, амард иууыл цъус 29 африкайаг мигрант

Тунисы  донбылы цур, иууыл  цъус  29  африкайаг мигрант   æрбамард.

«Ройтеры» информацийæ,  донбылмæ хæстæг   мигрантты  дыууæ науы   Зæххастæу денджызы   фæдæлдон ис.  Тунисы  донбылхъахъхъæды  куыст   11  адæймагы фервæзын кодта.

Фæстаг цыппар боны мидæг, Тунисы   донбыл хъахъхъæды   куыст 80  нау  баурæдта æмæ 3000  мигранты æрцахста, кæцытæ  Италиайы  æрдæм  змæлыдысты.

Мигрантты  фылдæр  Сахарайы хуссары  уæвæг африкайаг   бæстæты æмбæстæгтæ сты.  ИНО-йы  бæрæггæнæнтæй,   ацы аз  Тунисæй   иууыл цъус  12 000 мигрант ныццыд Италиамæ.