Трампы æмæ Назарбаевы фембæлды рæстæджы æркæсдзысты Сирийы æмæ Афгъанистаны уæвæг уавæр
Сирийы æмæ Афгъанистаны уæвæг уавæры, афтæдæр Уæрæсеимæ ахастытæ æркæсдзысты Вашингтоны АИШ-ы æмæ Хъазахстаны президентты фембæлдыл.
Хъазахстаны президенты пресс-куысты информацийæ, Нурсултан Назарбаев АИШ-æм 16-18 январы ныццæудзæн.
Трамп æмæ Назарбаев дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг базарадон-экономикон уавæры æрдæм раздахдзысты хъусдард. АИШ- Хъазахстанæн у иуæй-иу ставддæр базарадон-экономикон æмæ инвестицион партнер. Дыууæ бæстæ банысан кæнынц дипломативон ахастыты бындурæвæрды 26 азысæр.