Тобиас Крамер – мах, куыд европæйæгтæ, дзурæм, цæмæй Европæйы дуар гом у гуырдзиæгтæн, махæн нысаниуæгджын у, цæмæй гуырдзиæгтæ сæхæдæг аскъуыддзаг кæной, фæнды сæ ацы фæндагыл цæуын æви нæ
Тобиас Крамер – мах, куыд европæйæгтæ, дзурæм, цæмæй Европæйы дуар гом у гуырдзиæгтæн, махæн нысаниуæгджын у, цæмæй гуырдзиæгтæ сæхæдæг аскъуыддзаг кæной, фæнды сæ ацы фæндагыл цæуын æви нæ

Мах, куыд европæйæгтæ, зæгъæм, цæмæй Европæйы дуар гомæй баззайы гуырдзиæгтæн. Махæн нысаниуæгджын у, цæмæй гуырдзиæгтæ сæхæдæг аскъуыддзаг кæной, фæнды сæ ацы фæндагыл ацæуын æви нæ – уый фæдыл Европарламенты депутат, Тобиас Кремар расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, санкцитæ кæддæриддæр сты фæстаг вариант, нысаниуæгджын у, цæмæй гуырдзиаг адæмы хъæлæс уыд нымадмæ ист, цæмæй сæ бон уыдаит сбæлвырд кæной сæ фидæн.

«Санкцитæ кæддæриддæр сты фæстаг мадзал. Махæн нысаниуæгджын у, цæмæй нымадмæ ист æрцæуа гуырдзиаг адæмы хъæлæс, цæмæй уыдон сæхæдæг сбæлвырд кæной сæ фидæн. Мах, куыд европæйæгтæ, зæгъæм, цæмæй Европæйы дуар гомæй баззайы гуырдзиæгтæн. Махæн нысаниуæгджын у, цæмæй гуырдзиæгтæ сæхæдæг ахицæн кæной, фæнды сæ ацы фæндагыл цæуын æви нæ. Уый тыххæй стæм Гуырдзыстоны, цæмæй гуырдзиæгтæн уа фадат сæхæдæг саразынæн. Кæд æмæ Гуырдызстоны ис ахæм тыхтæ, кæцытæ халынц гуырдзиæгты ацы фадат, кæцытæ халынц демокративон стандарттæ, кæцытæ хъахъхъæд цæуынц конституцийæ, уæд ис æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ нæ протест равдисынæн» – расидтис Тобиас Кремар.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Европæ лæууы Гуырдзыстоны фарсмæ, алцыппæт нæдæр Кремлы бæрны у, нæдæр Гуырдзыстоны хицауады хицæн уæнгтæ, фæлæ гуырдзиæгтæ.

«Нæ бæлвырд фидиуæн у уый, цæмæй Гуырдзыстоны фарсмæ лæууæм, алцыппæт гуырдзийæгтæй аразгæ у, нæдæр Кремль, нæдæр Гуырдзыстоны хицауады хицæн уæнгтæ, фæлæ Гуырдзыстоны адæм, алцыппæт уыдон хъуамæ аскъуыддзаг кæной. Мах уынæм, цы фæнды гуырдзиаг адæмы, уыдон ныр сты уынгты æмæ сæ фарсыл хæцæм. Санкцитæ сты фæстаг вариант, куы бахъæуа, уæд санкцитæ ист æрцæудзысты, фæлæ ныфс дарæм, цæмæй уæвæг хицауад бамбардзæн, цæмæй санкцитæй хи бахизынæн сеппæтæй хуыздæр фæндаг у гуырдзиаг адæмы фæндонмæ æркæсын, кæцыты фæнды Европæ», -расидтис Тобиас Крамер.