Титус Корлатеану – Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны регионы æнæзакъонон бордеризацийы фæтынг кæнын у æхсæнадæмон реакцийы кæмæн хъæуы ахæм фарста
Ис нын æнæивгæ позици куыд Евросоветы, афтæ уæнг паддзахадты æмвæзадыл, цæмæй йæ фарс хæцæм Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн, суверенитетæн æмæ хæдбардзинадæн – уый фæдыл Евросоветы мониторингы комитеты æмраныхасгæнæг Титус Корлатеан райхъусын кодта.
«Мæстæйдзагæй байхъуыстам Цхинвалы Уæрæсейы хицауады ног æнæзакъонон архæйдтты тыххæй, кæцы оккупацигонд Гуырдзыстоны бордеризацийы фæтынгдæр кæнын архайы. Ис нын æнæивгæ позици, куыд евросоветы, афтæ уæнг паддзахадты æмæвзадыл, сæ нымæцы мæ фыдыбæстæ Румынийы, ома йæ фарс хæцæм Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн, сувернитетæ æмæ хæдбардзинадæн æмæ уый цæмæй Уæрæсе кад хъуамæ кæна æхсыт фæурæды фæдыл 2008 азы бадзырдæн, æхсæнадæмон хæсистытæн æмæ æхсæнадæмон барадæн» – банысан кодта Титус Корлатеану.
Евросоветы мониторингы комитеты æмраныхасгæнæджы дзырдæй, Уæрæсейы архæйдтытæ сты æхсæнадæмон реакци цæуыл хъæуы ахæм фарста. Йæ ныхæстæм гæсгæ куыд раныхасгæнæг, Кесртин Лундргенимæ иумæ æрцæттæ кæндзæн хыгъдлæвæрд енвросоветæн, афтæдæр парламентон ассамбейæн.
«Куыд æй зонут афтæмæй, Европаг паддзахадтæ сæ хайбавæрд кæнынц Евроцæдисы цæстдарæг миссийы. Румынимæ дæр ис йæхи сæрмагонд континкгент ацы миссийы. Уæдæ нæм Гуырдзыстоны территорион æнæхъндзинады фарсхæцынмæ гæсгæ ис æнæивгæ позици» – райхъусын кодта Титус Корлатеану.