Тинатин Бердзенишвили - Тасы мæ æфтауы уый, æмæ ацы фæстаг периоды медиафæрæзтыл тыхмидзинад ссис нормæйæ
Нæ зонын иу адæймаг ахæм, кæцы гæнæн ис сраст кæна тыхмидзинад, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили абоны акцийы тыххæй райхъусын кодта, кæцы рæстæджы дæр Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператор Илиа Твалиашвили æмæ æндæр медийы минæвæрттæ фæцæф сты.
Тинатин Бердзенишвили абон цæф медийы минæвæрттæн солидарондзинад равдыста.
«Тасы мæ æфтауы уый, æмæ ацы фæстаг периоды медиафæрæзтыл тыхмидзинад ссис нормæйæ æмæ ма уымæй фылдæр та уый æфтасы тасы, цæмæй иунæг ахæм хъуыддаг дæр нырма нæ равзæрстой æмæ зылынджынтæ та дзуаппмæ лæвæрд не рцыдысты.
Абоны боны тыххæй куы зæгъæм, бирæ медиафæрæз баййæфта зиан, журналисттæ, оператортæ, æмæ алкæмæн сидын солидарондзинад. Нæ операторæн цæф у йæ сæр æмæ цæст. Ацы этапыл йæ æнæниздзинады уавæр нормамæ æмбæлон у.
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, цыдæр сырх хаххмæ бахæццæ ис ай æппæт æмæ иумæ, куыд дзыллæ, хъуамæ бацархайæм исты амал ссарын, уымæн æмæ хъуыды кæнын, цæмæй профессион куысты куылымпы кæнын æмæ хъыгдарын комкоммæ пропорцион нæ æхсæнадæн. Уый тыххæй нын æндæр гæнæн абон нал ис», – райхъусын кодта Тинатин Бердзенишвили.
Бакой уын кæндзыстæм, Руставелийы проспектыл «Тбилиси прайды» ныхмæлæуджытæ акци уадзынц сæумæрайсомæй. Акцийы хайадисджытæ медийы минæвæрттæм фæбыцæу сты, кæцы рæстæджы дæр Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператор Илиа Твалиашвили фæцæф ис. Афтæдæр фæцæфтæ сты æндæр медиафæрæзты минæвæрттæ. МХМ Руставелийы проспектыл журналистты ныхмæ тыхмидзинады æмæ профессион хæстæ æххæсткæныны рæстæджы бахъыгдарыны фактыл фæдагуырд тугтæрхоны барады кодексы дыууæ статийæ райдыдта.
Уыимæ иумæ, фæстæдæр «Тбилиси прайд» фидиуæн ахæлиу кодта, кæцыйы мидæг банысангонд у, цæмæй намысы марш абон нал ацæудзæн.