Тинатин Бердзенишвили Израилы минæвар, Хадас Мейцадимæ фембæлдис
Тинатин Бердзенишвили Израилы минæвар, Хадас Мейцадимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы генералон директор, Тинатин Бердзенишвили æмæ Израилы минæвар Хадас Мейцады æхсæн ацыд  базонгæйы равгы  фембæлд.

Фыццаг Каналы  генералон директор   Тинатин Бердзенишвили  куыд  райхъусын кодта афтæмæй,   фембæлдыл  ныхас  уыд  иумæйаг   проектты  сыххæстыл,  Гуырдзыстон æмæ Израилы  Æхсæнадон Уацхæссджыты   ноджы  фылдæр æрыввахс кæныныл.

«Гуырдзыстоны æмæ Израилæн  бирæ иумæйаг ис, уый нымæцы  медиаæрдзы  æрдгæй. Минæваримæ  фæныхас кодтам, цы ис гæнæн саразын дыууæ бæстæйы  æрыввахсы, культурон-ахуырадон    программæты, афтæма  дигиталон стынг кæныны  æрдгæй.  Цы хъавы Фыццаг Канал  ацы  æрдгæй.  Ныхас уыд   хуыздæр практикæйыл  æмæ тынг цымидисон проекттыл. Райгонд дæн, цæмæй  фембæлд   ацыд æмæ ног æмгуыстады æнхъæл стæм.  Гуырдзыстон æмæ Израилы æхсæнадон Уацхæссджытæ сты  Европæйы  Уацхæссджыты  Цæдисы уæнгтæ æмæ  сæрыстыр  стæм  нæ  хæлар  уацхæссæгимæ  ахастытæй», – райхъусын кодта  Бердзенишвили.

Йæхи æрдгæй   Гуырдзыстоны  Израилы минæвар  рахйъусын кодта, цæмæй Тинатин Бердзенишвилиимæ  йын тынг цымидисон   фембæлд уыд.

«Бирæ  базыдтон   Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналыл телеуынынады æмæ  радиойы куысты тыххæй.   Æхсæнадон Уацхæссджыты æхсæн  нырид ис  æмгуыстад  æмæ æркастыстæм   фидæн  æмгуыстады  фарстатæ. Афтæма  фæныхас кодтам  куыд  минæварадæн, цы нæ бон у сазарын иумæйаг  закъондæттæн   æхсæнадон  кæнæ æндæр æрдæмады  перспективатæн», –  банысан кодта  минæвар.