Тина Бокучава - Куыддæр хицаудзинадмæ æрцæудзыстæм, афтæмæй уайтагъд коалицион партнертимæ бакусдзыстæм, цæмæй аивæм пенсион кредиттæ, скъолаты уа æнæфидгæ хæлцад сывæллæттæн, сырæздзæн Михеил Саакашвилийы иумиллиардджын онд
Куыддæр хицаудзинадмæ æрбацæудзыстæм, нæ коалицион партнертимæ бакусдзыстæм, цæмæй аивæм пенсион кредиттæ, скъолаты уа сывæллæттæн хæлцад æнæфидгæ, сыраздзæн Михеил Саакашвилийы иу миллиардджын фонд, кæцы æрыздахдзæн гуырдзиаг мæдты æмæ гыцциты бæстæмæ, – райхъусын кодта «Иугонд Националон Змæлды» сæрдар Тина Бокучава.
«Æвзæрст у æнцон – фарн Европæйы кæнæ та мæгуырдзинад изоляцийы. Æвзарæм Европаг пенситæ æви уавæр, кæцыйы дæр пенсионерты абсолютон фылдæры хайæн ис пенсион кредиттæ, кæцыты процентон хай цыппар хаттонæй бæрзонддæр у къабазы архайæг хайæ. О, нæ цæрджыты, сеппæтæй æнæхъахъхъæд къордæн ис цыппар хатты бæрзонддæр банкъон æлхъывд, Гуырдзыстоны æндæр æмбæстæгтимæ абаргæйæ. Уый у иттæг уæззау уавæр, кæцы мах хъуамæ фæивæм æмæ куыддæр хицаудзинадмæ æрцæудзыстæм афтæмæй, хардзгондыл нымайдзыстæм пенсион кредиттæ, бакусдзыстæм нæ коалицион партнертимæ иумæ уый тыххæй, цæмæй алы пенсионерæн уа аккаг пенси, кæцы хъуамæ уа минимум 1000 лари. Æвзарæм фарн Европæйы æви æвзарæн мæгуырдзинад изоляцийы. Æвзарæм европаг мыздтæ, европаг æмæ америкаг инвестицитæ, æви æвзарæм уавæр, кæцыйы зæгъæн ис æрдæг милуан Гуырдзыстоны æмбæстаг парктиконæй æгуыст сты, уымæн æмæ нæй гæнæн мыздыл анымайын 300 ларийы бæрц мызд», – райхъусын кодта Бокучава.
Афтæма йæ дзырдтæ, зæгъгæ адæймæгтæ тох кæнынц цæмæй аирвæзой, Иванишвили æмæ йæ чиновниктæ та бонæй бон бонджындæр кæнынц».
«Мыздты ивдимæ иумæ бакусдзыстæм нæ коалицион партнертимæ, цæмæй байгом кæнæм бадзырдтæ Евроцæдисы уæнгсуæвыны тыххæй æмæ цыбырдæр æмгъуыдтæм нæ бæстæ суа Евроцæдисы аккаг æххстаргъджын уæнг. Уырны мæ, 26 октябры Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ растдæр европаг фарн сывзардзысты», – райхъусын кодта Тина Бокучава.