Тина Бокучава -  26 октябр у  шанс, нæй  зæгъæм  мæгуырдзинадыл æмæ сывзарæм  европаг  фарн
Тина Бокучава - 26 октябр у шанс, нæй зæгъæм мæгуырдзинадыл æмæ сывзарæм европаг фарн

Бидзина Иванишвилийы  монополийы   тыххæй  Гуырдзыстоны  æргътæ  аразгæйæ  фæбæрзонддæр сты, адæймæгтæ  тыхыбын сты  медикаментты, кæнæ хæринагы   балхæнынæн Туркмæ  ахизын, – уый фæдыл «Иугонд Националон Змæлды»  сæрдар Тина Бокучава   Сарпийы  таможнæйы  пункты  цур  лæвæрд брифингы рæстæджы райхъусын кодта.

Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ 26 октябры  Гуырдзыстоны алы æмбæстаг раст æвзæрст сараздзæн æмæ  нæй  зæгъдзæн  ацы  мæгуырдзинадæн, кæцыйы  дæр алкуыран уынæм.

«Сарпийы   таможнæ-ауадзæн пункты  цур ис рæнхъ, æнæиу адæймаг   нын загъта, цæмæй  ма вæййы  бирæ  стырдæр рæнхъытæ, кæцыйы расайы хъуагдзинад,  мæгурдзинад кæцыимæ  адæм æрвылбойнонæй тох кæнынц æмæ тыхыбын сты, ахизой Туркмæ   медикаментты,  хæринаг продуктты балхæнынæн. Раст афтæ  уыдис йцъус рæстæг  рамæ Валейы  куы  уыдтæн, Ахалцихейы, цы ран арæныл    бирæ  адæмаг  ахизы  Туркмæ, фыццагон фæлхасады продукттæ   балхæнынæн.   Гуырдзыстоны аразгæ бæрзонд æргътæ  ис уыцы  монополиты тыххæй,  кæцытæ сарызта Иванишвилийы  12  азон хицаудзинад,  кæцыйы рæстæджы экономикæ æрмæст  уый æмæ йæ   алыварсуæвджыты пайдайæн кусы.

Алчи, кæйимæ дæр фембæлæм, дзырынц нын, цæмæй  26 октябръ  у  шанс,  зæгъæм нæй   ацы  мæгурдзинадыл, кæцыйы  расайдта  Иванишвилийы  политикæ æмæ   самал кæнæм  фарн  Европæйы.  Уый  у  реалон æвзæрст, кæцыйыл алчи ныхас кæны,    кæмæдæр ис  ивддзинады  шанс æмæ чидæриддæр дзæбæх æмбарынц, цæмæй  ацы  ивддзинад нæ бон у æрхæссæм  æрмæстдæр иумæ уæвгæйæ. Æвзæрст у  бæрæг –  Европаг фарн  кæнæ  мæгуырдзинад изоляцийы.   Уырнæг стæм, цæмæй  26 октябры   Гуырдзыстоны  алы æмбæстаг  раст æвзæрст сараздзæн æмæ  нæй  зæгъдзæн   уыцы  æмгуырдзинадæн, кæцыйы  уынæм алыран», –  банысан кодта Тина Бокучава.