Бынæттон сæн, рæтæн фæндаг æмæ æхсæвы цард – Тбилис Европæйы дыккаг Берлинæй ссис – ахадæг бритайнаг рауагъдад «Times» Гуырдзыстон туристон потенциалы фæдыл фыссы.
«Советон эпохæйы æвæрæнты æмæ æнусты размæ амад хæдзæртты нырыккон бутикгомау фысымуаттæ æмæ бартæ сты арызт, цы ран натралон сæн баназдзыстут. Тбилисæн ныридæгæн ис дыккаг Берлины репутаци, горæт номдзыд у æхсæвы кълубтæй æмæ бартæй, фæлæ Тбилис хипстерон стилæй ноджы бирæ фылдæр у. Зæлдаг Фæндагыл уæвæг горæт монголаг ханты, персаг шахты æмæ уырыссаг хицæуæдты кухтæй-къухтæм хызтис. Алчи сæ сæхи фæд ныууагъдтой горæты калейдоскопион архитектурæйыл æмæ культурон историйыл. Ам фендзыстут астæу æнусты фидартæ, советон бæстыхæйттæ, фæндаггæрон фæсæмуаттæ. Ардыгон урбанон царды бацахуыры фæстæ уæм æнхъæлмæ кæсы Гуырдзыстоны митæй æмбæрзт хæхтæ, рæстæджы урæд хъæутæ æмæ ай æппæт поездæй кæнæ хæдтулгæйæ тынг хæстæг дистанцийыл ис» – фыссы Times-ы журналист.
Статийы фыст ис зæронд Тбилисы тыххæй, аргъуанты, этнографион музейты, сæны музейты, сæны барты, сур хиды базары, хæлцадон объектты æмæ фысымуатты фæдыл. Крис Шалк кæсджытæн æнхъары, Тбилисы центры фистæгæй змæлын, æндæр æмæ æндæр сыхты та метро æмæ автобустæй спайда кæнын амоны.