«Террабанкы», «Либерти Банкы» æмæ «Базисбанкы» хъусын кæнынц, цæмæй æхсæнадæмон санкцитæм æмбæлгæйæ архайдзысты
«Террабанкы», «Либерти Банкы» æмæ Базисбанкы» хъусын кæнынц, цæмæй æхсæндæмон санкцитæм гæсгæ архайдзысты.
«Террабанк» кусын адарддæр кæндзæн æхсæнадæмон санкцитимæ баст домнтæм æмбæлгæйæ» – хъусын кæнынц «Террабанкы».
Уыимæ Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн «Либерти Банкы» куыд загхтой афтæмæй, банк æмбæлгйæйæ кусдзæн æхсæнадæмон санкцитимæ, иурæстæгонæй Гуырдзыстоны Национ Банкы регуляциты дæлбар у.
«Либерти Банк» æххæстæй æмбæлон у æмæ уыдзæн Гуырдзыстоны финансон секторæн нысаниуæгджын бæстæты æмæ æмцæдисонты æрдгæй æрбайсгæ æхсæнадæмон санкцитимæ, кæцытæм уый нымæцы хауы АИШ-ы фæсарæйнаг активты контролы уагдоны (OFAC) æрбайсгæ санкциргонд унгты номхыгъд. «Либерти Банк» дГуырдзыстоны Национ Банкы регуляциты æмæ Гуырдзыстоны закъондæттынады дæлбар у, фæлæ иурæстæгонæй «Либерти Банкæн» ис рискыты фæткдæттыны мидполитикæ æмæ регуляцитæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары банкы æхæнадæмон финансон партнертимæ разыгонд хæсистытæ æмæ бартæ, кæцы йæхи æрдгæй, арæн кæны бæрзондрискджын клиентты лæггад» – райхъусын кодтой «Либерти Банкы».
«Базисбанкы» позицийы тыххæй та банкы хъусын кæнынц, цæмæй Гуырдзыстоны закхондæттынад æмæ æхсæнадæмон партнерты домæнтимæ æххæстæй æмбæлон уыдзысты.
«Базисбанк» азты дæргъы æнгом æмкуыст кæны дæсгай æхсæнадæмон финансон институтимæ, кæцы æндæр домæнтимæ иумæ, АИШ_ы, Евроцæдисы æмæ Иугонд Паддзахады фидаргонд æхсæнадæмон санкцитæм æмбæлондзинад дары йæ хъуыдыйы. «Базисбанк» уыдис æмæ уыдзæн Гуырдзыстоны закъондæттынады æмæ нæ æхсæнадæмон партнерты доментæм æххæстæй æмбæлон» – загхтой «Базисбанкы».
Аналогион мидисы фидиуæн сарызтой ноджы цалдæр коммерцион банктæ. «Гуырдзыстоны банкы» райхъусын кодтой, цææмй санкцитимæ баст доменты æххæст кæнын адарддæр кæндзысты. Афтæма «ТВС Банкы» загхтой, цææмй æрбайсгæ æхсæнадæмон санкциты доментæм æмбæлгæйæ архайынц.