Тереза Мэй, Владимир Зеленскийæн æвзæрстыты уæлахиздзинад арфæ кæны
Стыр Британийы премьер-министр Тереза Мэй, Владимир Зеленскийæн æвзæрстыты уæлахиздзинад арфæ кæны.
Тереза Мэй «Твиттеры» публикацигонд фидиуæны куыд банысан кодта афтæмæй, уый зæгъгæ æнхъæлмæ кæсы, ног президентимæ къуындæг æмкуысткæнынмæ.
«Арфæгæнæг стæм Владимир Зеленскийæн æвзæрстыты æнтысты тыххæй. Украинæйы стабилондзинад нысаниуæгджын у Европæйы æдасдзинадæн. Æз нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсын сымахимæ къуындæг æмкуыст кæнынмæ. Стыр Британи хъæддых йæ фарс хæцы Украинæйы суверенитетæн» – банысан кодта Тереза Мэй.
Бакой уын кæндзыстæм, Украинæйы президентон æвзæрстыты фæуæлахиз ис артист Владимир Зеленский.Украинæйы бюллетенты 96% бахыгъды фæстæ, Владимир Зеленский райста хъæлæсты 73,14 процент. Украинæйы ЦÆК-ы бæрæггæнæнтæй, Петро Порошенкойæн схъæлæс кодтой æвзæрстгæнджыты 24, 53 проценты.