Тереза Мэй хъусын кæны, цæмæй Британий Евроцæдисæй рацæуыны æмгъуыдтæ нæ аивдзæн
Британий Евроцæдисæй рацæуыны æмгъуыдтæ нæ аивдзæн – уый фæдыл Стыр Британийы премьер-министр, ЛОрдты палатæйы депутатты фарстытæн дзуаппыты рæстæджы райхъусын кодта. Тереза Мэйы ныхæстæм гæсгæ, ис дыууæ фæндаг, цææмй евроцæдисимæ баххæст бадзырд мæ фæкъуыхцы уа.
Фыццаг, бадзрыдæн фарс рахæцын у, дыккаг та зæгъгæ, 50-æм статийы фæмацы кæнын. Британийы премьер-минстры дзырдæй, хицауад дыккаг фæндаг нæ сывзардзæн.
Параллелонæй Германийы канцлер Британиимæ фидæны ахастытыд ныхасы рæстæджы загъта, цæмæй Евроцæдис брекситæй цы зиан райсдзæн уый минимумы онг фæкъаддæр кæнын архайы æмæ Британийы премьер-министрæй зæгъгæ æнхъæлмæ кæсы ног æнхъарæнтæм.
Ангела Меркелы фидиуæнæй, Германи цыфæнды сценаримæ бацæттæ ис æмæ сæ нымæцы йæ хъуыдыйы дары, Британий-Евроцæдисы бадзырды фæкъуыхцы дæр.