Тереза Мэй евроцæдисы æнæформалон саммитыл, организацийы уæнгтæн Сегрей Скрипалы хъуыддагимæ баст уæлæмхас детæлттæ арзонгæ кæндзæн
Стыр Британийы премьер-министр Тереза Мей 20 сентябры, Зальцбургы плангонд евроцæдисы æнæформалон саммиты, организацийы уæнгтæн Сегрей Скрипалы хъуыддагимæ баст уæлæмхас детæлттæ арзонгæ кæндзæн.
Уымæй уæлдай фембæлдыл «Брекситы» тыххæй дæр фæныхас кæндзысты.
Ахæлиугонд информацийæ, гæнæн ис ноябры евроцæдисы сæрмагонд саммит снысан уа, кæцыйыл Британийы евроцæдисы скондæй рахицæны фæдыл фæуынаффæ кæной.
Британий Евроцæдисы скондæй 2019 азы 29 марты хъуамæ рацæуа. Официалон Лондоны æмæ Евроцæдисы æхсæн бадзырдты процесс дарддæр кæны.