Тереза Мэй, Евроцæдисæй куры Брекситы датæ фæивын. Уый фæдыл Стыр Британийы премьер-министр хицауады уæнгтимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Тереза Мэйы фæнды, цæмæй Иугонд Паддзахад Евроцæдисы скондæй куыд гæнæн ис афтæ рæхджы рацæуа, уымæн цæмæй йæ 22 майы, Брюсселы плангонд æвзæрстыты хайад райсын ма бахъæуа. Тереза Мэйы хъуыдымæ гæсгæ, датæйы ахæцын оппозиционер, Джереми Къорбинимæ бадзырдтæ саразынæн сæ бахъæудзæн.
Афтæма, Стыр Британийы премьер-министр Лейбористон партийы лидеримæ бадзырдтæ райдайыны инициативæйæ дæр рацыд.
Ацы рæстæгмæ уæвæг бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, Стыр Британи Евроцæдисæн, иугонд ныууадзыны план 12 апрелы онг хъуамæ бавдиса. Æндæр цауы Брекситы процесс æнæбадзырдæй ацæудзæн.