Тереза Мей – Европæ хъуамæ бамбара уый цæмæй Уæрæсейы архæйдтытæ скæсæйнаг сыхæгты потенцион рæзынадæн сты тæссаг
Европæ йæ цæстытæ хъуамæ байгом кæна Уæрæсейы архæйдтытыл, кæцы скæсæйнаг сыхæгты рæзынадмæ æртъхъирæн кæны – уый фæдыл Брюсселы «Скæсæн партнерады» саммиты райдыны размæ расидтис Стыр Британийы премьер-министр Тереза Мей.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ Стыр Британий дарддæр кæны Европæйы æдадсзинады срæвдзы хайадисын.
«Абоны саммитыл райсгæ фæстиуджытæн ссаргъ кæндзыстæм, афтæдæр æркæсдзыстæм уый, цæмæй куыд хъуамæ бахъом уæм иумæ æдасдзинад æмæ рæзынадимæ баст иумæйаг сидтытæн. Мах хъуамæ басæттæм ууыл цæмæй ис зныгон ахаст дарæг паддзахадтæ, цахæм дæр у Уæрæсе, кæцы скæсæйнаг сыхæгты потенцион рæзынадмæ æртъхъирæн кæны æмæ кæцыйы нæ коллективон хъомыс ныссæндын фæнды. Ныфс мæ ис абон европæйаг бæстæтæ ноджы иу хатт сбæлвырд кæндзысты цæттæдзинад, иумæ бахъом уæм ацы быцæусидтытæн. Ноджы иу хатт мæ фæнды зæгъон, Стыр Британий цæттæ у, сæххæст кæна нысаниуæгджын роль, европæйаг æдасдзинады бахъахъхъæды. Гæнæн ис мах Евроцæдисæй хицæн кæнæм, фæлæ Европæ ныууадзын нæ хъавæм» – расидтис Стыр Британийы премьер-министр Тереза Мей.