Теона Акубардиа, Анна Бучукури æмæ Хатуна Самнидзе интерпелляцийы уагæй Ираклий Гъарибашвилимæ парламентмæ фæсидтысты
Парламенты уæнгтæ Теона Акубардиа, Анна Бучукури æмæ Хатуна Самнидзе интерпелляцийы уагæй, закъондæттæн органмæ фæсидтысты премьер-министр Ираклий Гъарибашвилимæ. Абон лæвæрд пресс-конференцийыл Акубардиа куыд райхъусын кодта афтæмæй, закъондæттынадæй бæрæг æмгъуыдты кæнæ НАТО-йæ сисгæ хæсдзинадмæ нæкæсгæ, Гуырдзыстонмæ абоны онг нæй ранæуæггонд националон æдасдзинады сферæйы фундаментон концептуалон документтæ – националон æдадсзинады концепци, æртхъирæнтæн аргъгæнæг документ æмæ националон хъахъхъæнынады стратеги.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ иурæстæгонæй националон æдасдзинады политикæйы плангæнæг æмæ координацигæнæг органы – националон æдасдзинады советы фæлгæтты нæ цæуы закъонæй бæрæг фарстаты регулярон кастытæ, кæцы у премьер-министры бæрн.
Депутатты фарст афтæдæр æххæссы уымæ, цæмæй Гуырдзиаг Бæллиццы хицаудзинады дæс азы сæрыл райрæзгæ æртхъирæнты æмæ быцæусидтыты фоныл хъахъхъæнынады бюджет цæмæн у æмтгæйон мид продуктмæ гæсгæ радикалонæй фæкъаддæргонд.
«Украинайы ныхмæ Уæрæсейы егъаумасштабон агрессийæ иу афæдзы сæрыл цы сарызтат, цæмæй ныгуылæйнаг партнертимæ (АИШ, Стыр Британи, æндæр Стратегион партнертимæ æмæ НАТО, Евроцæдисимæ) æнгом координацийæ Гуырдзыстоны иргъæфхъомад фадæттæ стынг уыдаиккой? Кæдмæ хъавут Гуырдзыстоны парламенты No07-3/99, 21.07.2021 резолюцийæ лæвæрд деоккупацийы æмæ конфликты сабырæй алыгы иумæйаг националон цæстæнгас бакусын, афтæ куыд гибридон æртхъирæнты ныхмæ тохы националон стратеги сфидар кæнын?» – Цымидис кæны Акубардиа.