Тенгиз Церцвадзе ныфс дары, цæмæй Гуырдзыстон уыдзæн иуæй-иу фыццаг бæстæ, кæцы райсдзæн препарат «Ремдесевир»
Ныфс мф ис цæмæй Гуырдзыстон уыдзæн иуæй-иу фыццаг бæстæ, кæцы райсдзæн препарат «Ремдесевиры». Кæд уыцы ныфсытæ фæраст уой, кæцытæ абон лæууынц, уæд Гуырдзыстоны уымæй стæрдæр къахдзæф саразæн размæ – уый фæдыл Тбилисы инфекцион рынчындоны къухдариуæггæнæг, Тенгиз Церцвадзе фехъсын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, «Ремдесевирыл» иртасын куы райдыдта, уæд æнæхъæн Дуне рады лæууыд ацы препараты райсынæн.
«Мах ацы рады куы слæууæм, уый тыххæй, цæмæй нæм тынг цъус фæрынчынуæвæг ис æмæ ноджы уымæй къаддæрдæр фæмардуæвæг, уæд æнæшанс баззайдзыстæм. Нырма уыцы бæстæтæн ратдзысты, кæцы бæстæты дæр бирæ ис фæмардуæвæг æмæ бирæ фæрынчынуæвæг. Æнæнизхъахъхъæды министрмæ æмæ хицауадсмæ ис иу привилеги, ома компани кæцы Гуырдзыстонæн дæтты «Геппатит Ц»-ы элиминацийы программæйæен æнæаргъæй медикаменттæ æмæ æнæуый дæр тынг цыт кæны Гуырдзыстонæн æмæ бæстæйы æнæнизхъахъхъæды системæйæн. Нæ къухдариуæггæнæг спайда кодта ацы привилегийæ æмæ комкоммæ баздæхтис компанимæ, цæмæй сæ зæрдыл бадарой Гуырдзыстонимæ æмкуысткæнынады æнтыстджын истори æмæ раттой Гуырдзыстонæн «Ремдесевир». Ис ныфс цæмæй гуырдзыстон уыдзæн иуæй-иу фыццаг бæстæ, кæцы райсдзæн «Ремдесевир». Кæд ацы ныфсытæ фæраст уой, кæцы абон ис, уæд Гуырдзыстоны ноджы стырдæр къахдзæф сараздзæн размæ. Уымæй уæлдай ма цы хъуамæ сараза, æдæппæт нæм æхсæз фæмардуæвæг ис, фæлæ фидæнмæ бафæдзæхсдзæн йæхи исты серьозон фæкарзæй» – райхъусын кодта Тенгиз Церцвадзе.