Темур Мгъебришвилийы фидиуæнæй, дарддæр кæнынц интенсивон куыстытæ куыд стихийы зонæйы, афтæ Рионы æмæ Чъанчъахы донвæдты
Мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уæлвæтк уавæрты фæткдæттæг куысты хистæр, Темур Мгъебришвилийы фидиуæнæй, дарддæр кæны интенсивон куыстытæ куыд стихийы зонæйы, афтæ Рионы æмæ Чъанчъахы донвæдты.
Мгъебришвили куыд банысан кодта афтæмæй, абоны уаварæй, басгæрстой сыджытлæсæны территорийы 60 проценты.
Афтæма йæ дзырдæй, 18 локацийыл цæуынц конкретон ранæй-рæтты сгæрстытæ. Сæрмагондæй та Амбролаурийы аэропорты цур территорийыл æмæ цæугæдæтты донвæндты 54 километрон фадыгыл.
«Фæмардуæвджыты статистикæйы тыххæй куы зæгъæм, уæд уый нæ фæивдта.ю ирвæзынгæнджытæ ацы рæстæгмæ стихийы зонæйы ссардтой 24 мардыбуары, агурæн куыстытæ 9 уæнгы фæдыл дарддæр кæнынц. Ссардæуыд адæймагы хицæн цыппар фрагмент», – рахйъусын кодта Темур Мгъебришвили.
Уæлвæтк уавæрты фæткдæттæг куысты хистæр, Гуырдзыстоны Сырх Дзуары дзыллæйæн раарфæ кодта æмæ банысан кодта, цæмæй сæ уæлæмхас æххуысæй аскуыддзаг ис барвæндонæххуысгæнджыты фарста.
«Фæнды мæ бузныг зæгъын Гуырдзыстоны Сырх Дзуары æхсæнадæн. Сырх Дзуары æхсæнад фæрцы аскуыдзаг ис барвæндонæххуысгæнджыты бастдзинады фарста. Фылдæр барвæндонтæ æххуыс нын кæнынц логистикон цæстæнгасæй, куыд махæн, афтæ хъахъхъæнынады тыхтæн, гвардийæн æмæ бынатыл уæвæг уæззау техникæйы оператортæн», – банысан кодта Темур Мгъебришвили.