Телекомпани «Евроньюсы» эфиры, Окацейы каньоны тыххæй уæрæх репортаж ацыд
Телекомпани «Евроньюсы» рубрикæ «Цауты» Гуырдзыстоны тыххæй радон сюжет ацыд. Серий «гуырдзыстойнаг цаутæ» Окацейы каньюны фæдыл радзурынц кæсджытæн.
«Кутаисмæ хæстæг уæвæг ацы ран номдзыд у арф канбонтæй, хъæды цадтæй æмæ æндæр алæмæттаг æрдзон фендтагæй» – дзуры «Евроньюсы» репортер Дэнис Локтьер.
Репортажы мидæг банысангонд у, цæмæй Окацейы сæрыл ауындзгæ 800 метры дæргъы хидыл, афæдзы дæргъы 150 мин турист ацæуы. Репортажы авторы ныхæстæм гæсгæ, уымæн цæмæй ацы ран туристтæн ноджы фылдæр зæрдæмæдзæугæ суа, хиды хай план кæнынц рухсдзыд скæнын.
«Евроньюсы» уацхæссæг хиивхæрсыны экстремалон хызæгты уарзджытæн æнхъары, Гуырдзыстоны сеппæтæй бæрзонддæр æхсæрдзæнæй хи руадзын.
Рубрикæ «Гуырдзыстойнаг цаутæ» æрцæттæ ис Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæцудгæ тынгады министрады æмæ туризмы администрацийы æххуысæй. «Евроньюсы» эфиры банысангонд рубрикæйыафтæдæр лæвæрд æрцыд репортажтæ «Мтиралайы» националон паркы, Гудаурийы æмæ Батумы тыххæй.