Телауы сæнæфсиртонæн 2024-ы координацион штаб байгом ис. Информаци хъусын кæны æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрад.
Уагдоны хъусын кæнынц, цæмæй цæугæ азы сæнæфсиры прогнозон тыллæг 300 мин тоннæмæ хæстæг у.
Министрады æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, зæгъгæ нысаниуæгджын у, заводтæ кондицион, хæрзгъæд сæнæфсир балхæной. Растдæр хæрзгъæд сæнæфсирæй рацæуы хæрзгъæд сæн æмæ стæй йæ конкурентхъомад, кæцы фæстагмæ, аргъыл æмæ экспорты бæрæггæнæныл фæзыны.
«Сæнæфсиры фермерты æркæнгæ сæнæфсиры реализацийæн къух саразыны æмæ сæндуцынады къабазы стабилон райтынг баахъаз кæныны нысанæн, Гуырдзыстоны хицауад, сæнæфсиртонæны субсидирдзинад ацы аз дæр æххæст кæны, кæцы 20 минæй фылдæр сæнæфсир фермерæн тыллæгы реализацийы фадат, æрмæст сæнæфсиртонæны баст 500-йы онг компанийæн сæнæфсиры æнæкуылымпыйæ балхæд-бакусыны фадат ратдзæн.
Паддзахадон субсиди райсдзæн алы уыцы компани, кæцы 2024 азы сæнæфсиртонæны дæргъы балхæндзæн æмæ бакусдзæн Кахеты регионы æркæнгæ æнæкъаддæр 100 тонæ Ркацъителийы мыккагы сæнæфсиры æмæ иу кг сæнæфсир уæйгæнæгæн æнæкъаддæр 1.00 лари бафидзæн. Кахеты регионы компанитæн раттинаг субсиди иу кг Ркацъителийæн 0.20 лари у.