Телауы миты тыххæй муниципалон транспорты змæлд  арæнгонд у
Телауы миты тыххæй муниципалон транспорты змæлд арæнгонд у

Телауы  миты тыххæй   муниципалон транспорты  змæлд  арæнгонд у.

Кахеты паддзахадон  æвджидоны  фыццаг  хæдивæгы Платон  Калмахелидзейы  фидиуæнæй,   мэриайы  æмбæлгæ  куыст мобилизаци скодта  специалон  техникæ æмæ  цæуы  централон   уынгты  ныссыгъдæг.

«Регионы сеппæтæй   фылдæр дæлдзырæттæ   уыд Телауы. Цæрджыты æдасдзинады нысанæн, æхсæнадон транспорты  змæлд рæстæгмæ  урæд у, фæлæ фæндæгты ныссыгъдæгы фæстæ æхсæнадон транспорты змæлд  хайгай  сног уыдзæн», -райхъусын кодта  паддзахадон æвджидоны  фыццаг хæдивæг  Платон  Калмахелидзе.

Æхсæв-бонмæ  интенсивонæй  уарыд мит  Телау-Гомбор-Вазианыавтомобилон фæндагыл дæр.  Æфцæгыл  змæлын гæнæн ис  æрмæстдæр цæлхытыл  зымæджы æддаг цъар кæцы хæдтулгæтæн ис уыдонæн.

Чысыл арæнæвæрдтæ ис  муниципалиетты æхсæн  иугæнг   фæндæгтыл дæр,  цы ран  уæлдайджын дæлдзырæтты æмæ  хъызты   тыххæй  бæрæг  фадгуытыл  ис кæлæх.

Фæндагон уагдон интенсивон  режимæй кусы. Фæндæгтыл змис æмæ цæхх калынц.