Техасы иуæй-иу скъолайы æрцæугæ бырсты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 21-ы онг ахæццæ ис
Техасы иуæй-иу скъолайы бырсты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 21-мæ схызт.
Информацион агентад «Ройтеры» хъусинагæй, амард 19 сывæллон æмæ дыууæ æххæстаздзыд аæймаг.
Техасы губернатор Грэг Аботы дзырдæй, амард бырсæг 18 аздзыд Сальвадор Рамос, кæцы фæхъуыд пъæлицæйæгты æхсты фæстиуæгæн. Бырсты мотив нырма бæрæг нæу.
Техасы скъолайы æрцæугæ бырстыл комментари сарызта АИШ-ы президент. Джо Байден фæмардуæвджыты бинонтæн тæфæрфæс ракодта.
«Хуцауы номæй ма кæд хъавæм йæ ныхмæ слæууын æхсæнгарзы лоббийæн? Ахæм масон æхстытæ стæмты æрцæуынц дунейы æндæр рæтты. Цæмæн стæм цæттæ, адæмы ахæм цагъды цæрынмæ? Цæмæн дæттæм фадат ахæм хъуыддæгтæн æрцæуын? Афон у исты саразæм»! – райхъусын кодта президент Урс Хæдзары дзырдæй ралæуды рæстæджы.