Техасы донивылды фæстиуæгæн фæмард 109 адæймаг æмæ 161 та æбæрæгæй фесæфтысты
Техасы штаты донивылды фæстæ æппынкъаддæр 161 адæймаг фесæфт, фехъусын кодта Техасы губернатор Грег Эбботт.
Керры окруджы æбæрæгæй сæфт адæмы нымæцы сты фондз чызджы сæрдыгон лагеры хайадисæг æмæ иу хицауады кусæг.
Донивылды фæстиуæгæн Техасы æппынкъаддæр 109 адæймаг фæмард, уыдонæй 94 Керрвилы районы. Стихийы зонæйы нырма дæр цæуынц агурæн-ирвæзынгæнæн мадзæлттæ.
Грег Эбботт загъта, зæгъгæ, тагъд æххуысы службæтæ сæ куыст нæ бауромдзысты, цалынмæ æбæрæгæй сæфт адæймæгтæ иууылдæр нæ ссардæуа, уæдмæ. Фæлæ нæ аиуварс кодта æввахс бонты æбæрæгæй сæфт адæмы номхыгъд кæй фæфылдæр уыдзæн, уый.
Агурæн мадзæлтты архайынц вертолеттæ æмæ дронтæ. Донивылд бандæвта штат Нью-Мексикойыл дæр.