Тея Цъулукиани хъусын кæны, цæмæй 129 цæстдарæг организацийæ, 32 комкоммæ кæнæ фæрсагæй баст сты оппозицион партитимæ
Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» уæнг Тея Цъулукиани хъусын кæны, цæмæй 129 цæстдарæг организацийæ сæ иу – цыппæрæм хай, кæнæ та 32 сты, кæнæ комкоммæ баст оппозицион партитимæ, кæнæ та семæ æндæр æмæ æндæр формæйæ афилиргонд.
Тея Цъулукиани куыд банысан кодта уымæ гæсгæ, оппозици зæгъгæ зоны, цæмæй æвзæрстыты фембылд уыдзысты ис бæрæг схемæ, кæцыйы иуæй-иу компонент у а.х. цæтсдарæгон организацитæ.
«Ацы схемамæ гæсгæ, оппозицион спектр æмæ сæ иуæй-иу сеппæтæй радикалон минæвæрттæ бацархайдзысты, сæвзæрын кæной мæнг информацимæ æвзæрстыты бон æмæ уый фæдылдзог бонты уымæ гæсгæ, цæвиттон уыдис æвзарæнон халын æмæ æндæр æмæ æндæр институт, æвзæрстыты рухсдзыдæй ауадзын нæ бахъом сты æмæ ацы мæнг информацийыл æнцойæ, сæххæст кæндзысты бæрæг архайдтæ, ацы схемæ ис.
Цалдæр боны размæ Адæймаджы барты æмæ демокративон институтты бюро (АБДИБ) публикаци скодта æхсæйнаг хыгъдлæвæрд, кæцы комкоммæ дзырдæуы, цæмæй Гуырдзыстоны цæстдарæгон организациты нысаниуæгджын хай, политикон организацитимæ сты афиллиргонд», – райхъусын кодта Тея Цъулукиани.
Афтæма йæ ныхæстæм æгсгæ 129 цæстдарæг организациты 1/4 , кæнæ комкоммæ баст оппозицион партитимæ, кæнæ та семæ æндæр æмæ æндæр формæйæ афилиргонд.
Тея Цъулукиани ма афтæдæр бафтыдта, цæмæй сегасдæр фылдæр, цæстдарæг организацитæй кæй хонынц ахæмтæ ис «Националон Змæлдæн», ахæмтæ йæм ис 20 организаци.