Тея Цъулукиани фембæлд Гаагайы тæрхондоны прокуррор Фату Бенсудаимæ
Гуырдзыстоны вице-премьер, юстицийы министр, Тея Цъулукиани, Гаагайы тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондоны уæнг паддзахадты ассамблейы радæй 18-æм сессийы фæлгæтты, Гаагайы тæрхондоны прокуррор Фаут Бенсудаимæ фембæлд.
Гуырдзыстоны юстицийы министрады пресс-куысты информациæ, фембæлдыл юстицийы министр Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты фæд æвзарыны фæдыл фæныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй зæгъгæ Гуырдзыстоны цæрджытæ, кæцытæ 2008 азы азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты рæстæджы этникъон ныссыгъдæджы, адæймагады ныхмæ фыдракæнды æмæ хæстон фыдракæндты амæттаг уыдысты, фæдæвзарæнæй æнхъæлмæ кæсынц конкретон фæстиуджытæм, цæмæй сæххæстæуа расттæрхон. Фембæлдыл афтæдæр банысан ис, цæмæй фарсыты æхсæн æмкуысткæнынад тынг бæрзонд æмвæзадыл цæуы.
Фембæлдыл прокурор Фату Бенсуда куыд райхъусын кодта уымæ гæсгæ, зæгъгæ Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты хъуыддагыл фæдæвзарæн активон фазæйы уæвы æмæ цух нæу, цæмæй уымæн куыд Гаагайы тæрхондоны прокуроры æххæстбарты æмгъуыд аивгуъыды онг, фæнысангонд хъуыддагыл конкретон фæстиуджытæ æрлæууа. Фату Бенсудайæн йæ æххæстбарты æмгъуыд фæуд кæны 2020 азы кæрон.