Тея Цъулукиани фембæлд Гаагайы  тæрхондоны прокуррор Фату Бенсудаимæ
Тея Цъулукиани фембæлд Гаагайы тæрхондоны прокуррор Фату Бенсудаимæ

Гуырдзыстоны вице-премьер, юстицийы министр, Тея Цъулукиани,  Гаагайы  тугтæрхоны  барады æхсæнадæмон  тæрхондоны  уæнг  паддзахадты  ассамблейы   радæй  18-æм  сессийы  фæлгæтты,  Гаагайы  тæрхондоны  прокуррор   Фаут Бенсудаимæ  фембæлд.

Гуырдзыстоны  юстицийы  министрады  пресс-куысты   информациæ,  фембæлдыл   юстицийы  министр   Уæрæсе-Гуырдзыстоны   хæсты фæд æвзарыны  фæдыл  фæныхас кодта æмæ  банысан кодта, цæмæй  зæгъгæ  Гуырдзыстоны  цæрджытæ,  кæцытæ  2008  азы азы  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæсты рæстæджы  этникъон ныссыгъдæджы,  адæймагады  ныхмæ  фыдракæнды æмæ   хæстон фыдракæндты  амæттаг уыдысты,  фæдæвзарæнæй  æнхъæлмæ кæсынц конкретон фæстиуджытæм, цæмæй  сæххæстæуа  расттæрхон. Фембæлдыл афтæдæр банысан ис,  цæмæй фарсыты æхсæн   æмкуысткæнынад тынг бæрзонд  æмвæзадыл цæуы.

Фембæлдыл прокурор Фату Бенсуда  куыд райхъусын кодта уымæ  гæсгæ,   зæгъгæ Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæсты хъуыддагыл фæдæвзарæн  активон фазæйы уæвы  æмæ  цух нæу, цæмæй уымæн  куыд Гаагайы  тæрхондоны прокуроры  æххæстбарты æмгъуыд  аивгуъыды онг, фæнысангонд хъуыддагыл конкретон  фæстиуджытæ æрлæууа. Фату  Бенсудайæн  йæ  æххæстбарты  æмгъуыд  фæуд кæны 2020 азы  кæрон.