Тея Цъулукиани – æмбæстæгтæн, юстицийы хæдзармæ, æхсæнадон центрмæ æмæ рæстæгмæ нотарон бюромæ бацæуыд сæ бон уыдзæн развæлгъау рагахсты цауы
Юстицийы хæдзæрттæ æмæ æхсæнадон центртæ байгом уыдзысты, фæлæ ног принципæй кусдзыстæм, – загъта Гуырдзыстоны юстицийы министр Тея Цъулукиани хицауды рабадты фæстæ.
«Ног принцип у ахæм уагæй – уый тыххæй, цæмæй уæ куырдиат бахæссат иу кæнæ æндæр сервисмæ æмæ юстицийы хæдзары, æхсæнадон центры кæнæ рæстæгмæ нотарон бюройы бæстыхаймæ бахауат, бахъæудзæн уæ, æмбæстагы порталы – mygov.ge-ы фæрцы, уæ визиты фæдыл рагахст абкæнат сымахæн фæндон рæстæг æмæ бон.
mygov.ge-ы фарсыл регистраци æнæацыдæй, иунæг æмбæстагы дæр нæ бауадздзысты бæстыхæйттæм. Рагахсты электронон системæ нырид архайы. Афтæмæй, сымахæн абонæй, уæ бон у рагахст бакæнын, сом сæумæрайсомæй сымахæн фæндон бон æмæ рæстæгмæ визит», – райхъусын кодта Тея Цъулукиани.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, уый æххæссы юстицийы хæдзæрртты æмæ æхсæнадон цетнрты райсынаг алы сервисмæ, кæцыты æмбæстæгтæ истой коронавирусы апарахаты онг.
Уымæй дарддæр ма, Тея Цъулукианийы информацийæ, иунæг сервис, кæцы нæ уыдзæн активон, у ритуалы фæрцы къайады бацыд.
«Ацы сервис йæ хъуыдыйы дары бæрæг бæрцæй адæймæгты иумæ уæвын æхгæд тыгъдады. Алы иннæ сервситæ лæвæрд цæудзысты рагахсты уагæй, электронон рады фæрцы, вирусы Гуырдзыстоны ахæлиуы онг куыд уыдис афтæ.Рæстæгмæ уаг архайдзæн минимум уæлрадон уавæры æмгъуыды кæронмæ æмæ эпидемиологион уавæрæн аргълæвæрдмæ æмблæгæйæ, нæ бонбауыдзæн ацы ног уагы коррекци скæнын», – фехъусын кодта Тея Цъулукиани.