Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты Гуырдзыстоны паддзахадон министр Тея Ахвдедиани фембæлдис реинтеграцийы фарстаты Молдовæйы вице-премьеримæ, Олег Серебрянимæ, кæцы Гуырдзыстоны ис дыууæбонон кусæн визитæй, паддзахадон министры хуындæй.
Фембæлдыл фарсытæ бахзахх кодтой паддзахадон министры аппараты æмæ Молдовæйы Республикæйы реинтеграцийы бюройы æхсæн партнерон ахастыты дарддæр фæардæр кæнынмæ цæттæдзинад æмæ нысаниуæг, уый нымæцы 2018 азы бафыст кæрæдзимбарынады æмæ æмгустады меморандумы фæлгæтты.
Фембæлдыл банысан ис Украинайы ныхмæ Уæорæсейы æфсæддон агрессийы æмæ цæугæ хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн регионы сырæзт вазыгджын быцæусидтытæ æмæ сæ æндæвдад регионон æдасдзинад æмæ æхзсæнадæмон нормæтыл бындурæвæрд Дунейы сæрфадмæ.
Бахахх ис конфликты сабырæй алыгы процессы Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы æхсæн æногм æмгуыстады æмæ фæлтæрддзинад фæзхай кæныны нысаниуæг, афтæма æхсæнадæмон æмгарады рол æмæ дарддæры æххуысы консолидацидзинады æнæмæнгхъæуындзинад. Фарсытæ æрныхас кодтой дарддæры æнгом æмгуыстад адарддæр кæныны фæдыл.