Тея Ахвледиани фембæлдис Гуырдзыстоны Австрийы минæвар Томас Мюлманнимæ
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты Гуырдзыстоны падзахадон министр Тея Ахвледиани фембæлдис Гуырдзыстоны Австрийы Республикæйы минæвар, Томас Мюлманнимæ. Паддзахадон министры аппараты информацийæ, кусæн фембæлд австрийаг фарсы инциативæйæ ацыд.
«Паддзахадон министр бахахх кодта Автсрийы нысаниуæгджын роль конфликты сабырæй аскуыддзагы, уый нымæцы фидыды æмæ бастдзинады процессы, хæстæй фæхицæнгонд дзыллæты æхсæн æууæнк сæндидзын кæныны фæндагæй.
Фарсытæ æркастысты фидыды æмæ бастдзинады политикæйы сæххæсты фæлгæтты Австрийаг фарсимæ æмгуыстады фарстатæ, фидæны плантæ æмæ инициативæтæ. Бахахх ис æхсæнадæмон партнерты активон бастдзинад конфликты сабырæй алыгы процессы, уый нымæцы конфликтæй зианбавзарæг цæрджыты фундаментон барты хъахъъхæды цæстæнгасæй.
Автсрийы минæвар ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Австрийы фарсхæцын Гуырдзыстоны суверенитетæн æмæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты территорион æнæхъæндзинадæн æмæ фидыды бастдзинады политикæ сæххæсты процессы паддзахадон министры аппаратимæ дарддæр æнгом æмгуыстадмæ æххæст цæттæдзинады тыххæй бæлвырд фехъусын кодта», – банысангонд у паддзахадон министры аппараты информацийы.